Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ахуыргонд-æвзагиртасæг, зындгонд æхсæнадон архайæг, филологон наукæты доктор, Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы наукæты сгуыхт архайæг, профессор Гуыриаты Тамерланы номыл 5-æм æппæтадæмон конференци. Цæгат Ирыстоны, стæй Уæрæсейы наукæты сгуыхт архайæг лæууыд Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты ирон æвзаг зонынынады хайады сæргъы. Уымæй уæлдай ма йæ куыстытæ фыст уыдысты уырыссаг æма англисаг æвзæгтыл.
Конференцийы рæстæг бæстонæй каст фæцæуы Гуыриаты Тамерланы сфæлдыстадмæ. Уæвгæ йæ архайджытæ сæ куыст аразынц дæс къабазмæ гæсгæ. Æвзагзонынад, литературæ æмæ фольклористикæйæ наукон иртасæн куыстытæ бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институт, Цæгат Кавказы хæххон паддзахадон аграрон университет, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ Кæсæг-Балхъары наукон центры уæнгтæ. Мадзалы бацархайын бафæндыд æндæр Бæстæты минæвæртты: Португалийæ, Иранæй, Абхазæй æма Хуссар Ирыстонæй.